Закъондæттынады мидæг сбæлвырд уыдзæн, æмбæстагæн Гуырдзыстонæй рæстæгмæ ацæуыныл нæзагъды бындур
Гуырдзиаг закъондæттынады æмбæстагæн Гуырдзыстонæй рæстæгмæ ацæуыныл нæзагъды бындуртæ конкрет кæнынц.
Æмбæлон ивдтытæ «Æмбæстæгты Гуырдзыстонæй ацæуыны æмæ Гуырдзыстонмæ æрбацæуыны фæдыл» закъонмæ хаст æрцæудзысты æмæ визалиберализацийæ ратæдзы.
Законопроектæй, Гуырдзыстоны æмбæстагæн арæныл ахизыныл нæзагъд гæнæн ис æрцæуа уыцы цауы, кæд Гуырдзыстоны арæйнон-ауадзæн пункты сбæрæг ис, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстаг фæцæуы Евроцæдисы/Шенгены тыгъдады уыцы бæстæтæм, кæцытимæ æнæвизæ режим архайы, фæлæ йæм нæй æнæмæнгхъæугæ документаци. Адон сты: биометрикъон паспорт, кæцы лæвæрд у фæстаг 10 азы мидæг æмæ кæцыйы æмгъуыд Гуырдзыстонмæ æрыздæхыны бонмæ, æртæ мæййæ къаддæр ма хъуамæ уа; фæстæмæ æрыздæхынæн бæлццонон билет; фысымуаты кæнæ цæрæн хæдзары архайæг рагахст, кæнæ æндæр бæлвырдгæнæн документ æмæ адрис, кæнæ евроцæдисы бæстæйы легалонæй цæрæг фысым адрис; бæлцонон фæдзæхсын æмæ балцы финансон фидынхъомдзинады бæлвырдгæнæн документ.