Закъондæттынады мидæг сбæлвырд уыдзæн, æмбæстагæн  Гуырдзыстонæй  рæстæгмæ  ацæуыныл нæзагъды бындур
Закъондæттынады мидæг сбæлвырд уыдзæн, æмбæстагæн Гуырдзыстонæй рæстæгмæ ацæуыныл нæзагъды бындур

Гуырдзиаг  закъондæттынады  æмбæстагæн  Гуырдзыстонæй рæстæгмæ  ацæуыныл нæзагъды  бындуртæ конкрет кæнынц.

Æмбæлон ивдтытæ  «Æмбæстæгты Гуырдзыстонæй  ацæуыны  æмæ  Гуырдзыстонмæ æрбацæуыны  фæдыл»   закъонмæ хаст æрцæудзысты  æмæ   визалиберализацийæ  ратæдзы.

Законопроектæй,  Гуырдзыстоны æмбæстагæн арæныл ахизыныл нæзагъд  гæнæн ис æрцæуа уыцы цауы,   кæд Гуырдзыстоны  арæйнон-ауадзæн пункты  сбæрæг ис, цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстаг  фæцæуы  Евроцæдисы/Шенгены  тыгъдады  уыцы бæстæтæм, кæцытимæ  æнæвизæ режим  архайы, фæлæ йæм нæй  æнæмæнгхъæугæ документаци. Адон сты:  биометрикъон паспорт, кæцы лæвæрд у  фæстаг  10 азы мидæг æмæ кæцыйы  æмгъуыд Гуырдзыстонмæ æрыздæхыны  бонмæ,  æртæ мæййæ къаддæр ма хъуамæ уа;  фæстæмæ æрыздæхынæн бæлццонон билет;  фысымуаты  кæнæ цæрæн хæдзары  архайæг  рагахст, кæнæ æндæр  бæлвырдгæнæн  документ æмæ адрис, кæнæ евроцæдисы  бæстæйы легалонæй цæрæг  фысым адрис;  бæлцонон  фæдзæхсын æмæ балцы финансон  фидынхъомдзинады  бæлвырдгæнæн документ.