«ВВС»-ы информацийæ, АИШ-ы горæт Луисвилы дыууæфрасон æхсты рæстæджы иу адæймаг амард
АИШ-ы Кентуккийы штаты, дыууæфрасон æхсты рæстæджы иу адæймаг амард. «ВВС»-ы информацийæ, инцидент горæт Луисвилы æрцыд.
Бынæттон хицауады хъусинагæй, националон гварди æмæ демонстранттæ кæрæдзйы æрдæм цалдæр æхст фæкодтой.
Медийы информацийæ, зæгъгæ цау æрцыд, пъæлицæй æмæ националон гварди, демонстрантты ныссæндын куы архайдтой.
Фæмардуæвæгы ном æмæ æндæр деталтæ пъæлицæй нæ раргом кодта.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй АИШ-ы нырид æхсæзæм бон у нæ лæууынц протестон акцитæ, кæцыты хайадисджытæ расизмы æмæ пъæлицæй æрдгæй тыхмидзинады ныхмæ цæуыц. Америкæйы æндæр æмæ æндæр штатты протестон рацыдтæ 46 аздзыд афроамерикаг Джордж Флойды мæлæты фæстæ райдыдтой. Джордж Флойд, цæугæ къуырийы райдайæны, Миннеаполисы пъæлицæйы æрдгæй физикон тыхмидзинады фæстиуæгæн æрбамард.