Володимир Зеленски – Украинæгты фæнды  хæст кæрон  скæнын, фæлæ сабырдзинад  цыфæнды аргъæй  зæрдæмæдзæугæйыл нæ банымайдзысты
Володимир Зеленски – Украинæгты фæнды хæст кæрон скæнын, фæлæ сабырдзинад цыфæнды аргъæй зæрдæмæдзæугæйыл нæ банымайдзысты

Украинæгты  фæнды  хæст кæрон скæнын, фæлæ  сабырдзинад  цыфæнды  домæнтæй   зæрдæмæдзæугæйыл  нæ уыдзæн –  уый фæдыл  Украинайы  президент Володимир Зеленски, «Эсошиэйтед прессимæ»  интервьюйы  райхъусын кодта.

Украинайы президенты дзырдæй,   алы  хæст  зæгъгæ кæддæрты  фæвæййы  æмæ цæугæ  хæсты  кæрон скæнын нысаниуæгджын у.

Зеленски   загъта, цæмæй ныгуылæйнаг   партнертæй  лæвæрд иуæй-иу хуызы  хæцæнгарз, бынатмæ  тынг  рæгмæ  ныххæццæ ис.  Фарстыл,  райста æви нæ Украина  уый йас хæцæнгарз, цæмæй хæстмæ  ивдтытæ  бахæсса, президент дзуапп ратта,ц æмæй   «нрыма нæй».

Украинайы президенты дзырдæй,  Украинайы позици Уæрæсеимæ  бадзырдты  комкоммæ  баст у  Украинайы  гарзджын тыхты  æнтыстимæ  алы рдгæй.

«Мариупол у  абон хæсты  тæккæ  астæу.  Уым хæцынц,  хæцæм,  тыхджын стæм.  Мариупол хæцын куы ныууадза, нæ позици  бирæ лæмæгъдæр уыдзæн. Адон уыцы адæм сты, кæцытæ ныхкъуыр раттой  стыр нымæцæй знагæн.   Цас тыхджындæр уыдзæн   нæ позици  Мариуполы, уый бæрц  тыхджын уыдзæн  нæ позици бæстæйы  хурыскæсæны  æмæ   нæ позицитæ   ноджы тыхджындæр уыдзысты  иугонд  опреациты  тыхты  зонæйы.   Æмæ кæд адарддæр уыдзысты, уæд  бадзырды  фынг  махæн хæстæг дæр уыдзæн, уыдзæн  ныны уæлидзинад  Уæрæсейы  Федерациимæ  диалогы»- райхъусын кодта Зеленски.