Володимир Зеленски – Уæрæсейы бырстыты  фæстиуæгæн, Украинайы электростанцæты 30%  скуынæг сты, Путины  режимимæ бадзырдтæм ницы тыгъдад баззад
Володимир Зеленски – Уæрæсейы бырстыты фæстиуæгæн, Украинайы электростанцæты 30% скуынæг сты, Путины режимимæ бадзырдтæм ницы тыгъдад баззад

Уæрæсейы бырстыты фæстиуæгæн Украинайы  электростанцæты 30%  скуынæг сты, – уый фæдыл Украинайы   президент Володимир Зеленски  микроблог «Твиттеры»  ныффыста.

Зеленскийы  дзырдæй,   Путины  режимимæ  бадзырдтæм  ницы  тыгъдад баззад.

«Уырыссаг  террористон   бырстыты ноджы иу  хауз –  энергетикон æм критикон   инфраструктурæмæ бырст  æмæ сæ  базиан кæнын. 10 октябры  фæстæ  электростанцæты  30  %  скуынæг сты, кæцы æппæт   бæстæйы  электроэнергийы масштабон раиу  расайдта.  Путины режимимæ  бадзырдтæн ницы тыгъдад баззад», – фыссы  Володимир Зеленски.

Бакой уын кæндзыстæм,  10 октябры фæстæ, Уæрæсейы  æфсад  Украинайы   электростанцæтыл цалдæр бырст сыххæст кодта.