Владимир Зеленский, Украинæйы æстæм æрсидты парламенты суæгъд кæныны тыххæй райхъусын кодта
Украинæйы президент, Владимир Зеленский инаугурацион раныхасы рæстæджы Украинæйы æстæм æрсидты парламенты суæгъд кæныны тыххæй райхъусын кодта. Зеленский афтæдæр бакой кодта депутаттæн, цæмæй абон куыстбон у, афтæма, цалдæр закъонопроекты райстмæ сæм æрсидтис, сæ нымæцы депутатты æмæ тæрхонгæнджыты иммунитет аивыны, ног æвзарæнон кодексы райсыны фæдыл.
Зеленский депутаттæм æрсидтис, æдасдзинады куысты, генералон прокуроры æмæ хъахъхъæнынады министры сæ куыстæй сисыны тыххæй. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй уæлдæрбанысангонд бæрзонд гæстæ Зеленскийы дзырдæй ралæуды рæстæджы Радайы рабадтыты залы нæ уыдысты.
«Саразут ай æмæ уæхиуыл æрцауындзут майдантæ – æвзæр бонус нæу парламентон æвзæрстыты размæ, уый тыххæй уын дыууæ мæй уыдзæн. Мах ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм цæмæй хицауад аскуыддзаг кæндзæн нæ проблемæтæ. Растдæр хицауад у нæ сæйраг проблемæ», – Зеленский Рональд Рейганы цитата æрхаста æмæ министрты кабинеты уæнгтæм куыстуæгъдмæ æрсидтис.
Дзырдæй ралæвды рæстæджы Владимир Зеленский банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Украинæйы кæцыфæнды цæрæг, бæстæйы фидæныл бæрнон у.
«Æвзæрстыты фæуæлахизы фæстæ, мæ æхсæзаздзыд хъæбул мæ фарста: Базыдтон, цæмæй Зеленский у президент. Афтæмæй рацыд æмæ æз дæр президент дæн? Уый цыдæриддæр сæрæй хъазæн ныхасау уыдис, куыд фæбæрæг, афтæмæй фæраст ис. Мах алчидæр иумæ стæм президенттæ. 73% нæ фæлæ, украинæгты 100% дæр», – райхъусын кодта Зеленский.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европаг Украинæ зæгъгæ сæвзæры алы украинагæй.
Украинæйы ног президент йæ фыццаг рардæй схуыдта, Донбасы æхсты фæуромын.
«Мæхæн ис иумæйаг рыст. Махæй алчи æрбамард Донбасы. Алкæцы дæр стæм лигъдонтæ – алчи чидæриддæр фесæфта хæдзар æмæ алчи чидæриддæр сын бакодтой сæ хæдзары дуар. Фæлæ алцыппæт ууыл фæтых уыдзыстæм уымæн æмæ алчидæр стæм украинæгтæ», – банысан кодта Зеленский.
Владимир Зеленскийы дзырдæй, алкæмæн, чидæриддæр цæттæ у, йæ къух адара фидар æмæ æнтыстджын Украинæйы арæзтадæн, ратдзæн Украинæйы æмбæстагдзинад.
«Алкæмæн, чидæриддæр цæттæ у, сараза æнтыстджын æмæ фидар Украинæ, цæттæ дæн раттон Украинæйы æмбæстагдзинад. Фæсарæнтæй нæ сувениртæ ницæмæн хъæуынц, æрхæссут нæм уæ зонынад æмæ фæлтæрддзинад. Гæнæн ис, растдæр уый у нæ националон идея – баиу уыны руаджы гæнæн цæмæн нæй ахæм хъуыддаг саразын дæр бахъом уæм», – райхъусын кодта Украинæйы президент.
«Мах хъуамæ суæм исландиæгтау футболы, Израилæй – хъахъхъæнынады сферæй, япойнæгтæй зонадон æнтыстыты», – банысан кодта Зеленский.
Украинæйы æхсæзæм президент, инаугурацион ныхас афтæ фæцис: «Мæ царды дæргъы алцыппæт арызтон, цæмæй Украинæгты фæхудын кодтаин. Иннæ фондз азы дæргъы сараздзынæн алцыппæт цæмæй уæ кæуын ма æрфæнда».