Владимир Зеленский – Украинæ уæлдæфон сиренæ ис, нæ арвыл «шахедтæ» æргом кæнынц Владимир Путины æцæг ахаст Куадзæнмæ æмæ адæймаджы цардмæ
Зеленский дзуапп ратта Владимир Путины расидæнæн Куадзæны æрфидардзинады фæдыл, кæцы Уæрæсейы президенты ныхасмæ гæсгæ, 19-æм апрелы 18:00 сахатæй 21-æм апрелы 00:00 сахаты онг адаргъ уыдзæн.
«Путины радон бафæлвæрд адæмы цардæй хъазынмæ та цы хауы, уый тыххæй ныртæккæ Украинæйы кусы уæлдæфон æхстыты фæдзæхсты системæ. 17:15 сахатыл нæ арвыл рабæрæг сты уырыссаг дронтæ. Украинæйы уæлдæфон хъахъхъæнынады æмæ авиаци ныридæгæн райдыдтой кусын нæ бахъахъхъæныны тыххæй” – фыссы Зеленски.