Владимир Зеленский, сентябры АИШ-ы президентимæ фембæлд план кæны
Украинайы президент Владимир Зеленский, сентябры АИШ-ы президент Дональд Трампимæ фембæлд план кæны .
“Рейтеры” информацимæ гæсгæ, цæугæ мæйы афтæ дæр æнхъæлмæкæсинаг у сабырадон бадзырдты сарæзт Украинæ, Уæрæсе, Германи æмæ Францы æхсæн, кæцы йæ зæрдыл дары Украинайы скасæны уæвæг конфликты æрбиноныг.
Пресс-конференцийыл Зеленскийимæ фасртайæ басидтысты, уыдзæн æви нæ Донбасы сабырадон мисси, кæцыйыл Украинайы президент дзуапп ратта, цæмæй уый нæ фæнды снысангонд территори Днестры доныбылы бæстæты хуызæн суа, кæцыйы Уæрæсейы æфсад сты æнæивгæйæ.