Владимир Зеленский офисы сæргълæууæгæй Кирилл Будановы снысан кодта
Украинæйы президент Владимир Зеленский офисы къухдариуæггæнæгæй Кирилл Будановы снысан кодта. Уый фæдыл Зеленский социалон хызæгты ныффыста æмæ Будановимæ фембæлды къам апарахат кодта.
Сæйраг развæдсгарæн дирекцийы сæргълæууæг уыд Кирилл Буданов.
Зеленскийы ныхасмæ гæсгæ, уый афтæдæр бахæс кодта президенты аппараты ног къухдариуæгæн, Рустем Умеров æмæ æндæр æнæмæнгхъæугæ лидертимæ æмæ институттимæ æмгуыстадæй, сног кæна, сфидар кæнынмæ бадæтта Украинайы хъахъхъæнынады æмæ размæцыды стратегион принциптæ æмæ дарддæры къахдзæфтæ.
Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уæлдæр банысангонд бынат ахста Андрей Ермак, фæлæ коррупцийы ныхмæ бюро 28-æм ноябры йæ кабинеты басгæрст куы сарæзта, уый фæстæ йæ бынатæй ацыд.