Владимир Зеленский - Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы хуызæн адæймаджы æххуыс алкæй бахъæудзæн
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы хуызæн адæймаджы æххуыс алкæй бахъæудзæн – уый фæдыл Украинæйы президенттæм кандидат, шоумэн Владимир Зеленский æвзарæнон фадыгыл, хъæлæс кæныны фæстæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналисты фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналист Зеленскийы фарста, цæмæй зæгъгæ цы хъуыды кæны Михеил Саакашвилийы Украинæмæ визиты тыххæй.
«Æрцæуæт. Мæнмæ гæсгæ Михеил Саакашвили сегасæй стыр роль хъазы ныр, Украинæйы демократийы сæрыл куы дзуры Европæйы æмæ æвдисы уый йæ архæйдтытæй. Мæнмæ гæсгæ уый серьозон дипломат у æмæ серьозон консультант алы адæймагæн, алы кандидатæн, кæцы абон политикъæмæ æздæхы æмæ суыдзæн президент. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы хуызæн адæймаджы æххуыс алкæй бахъæудзæн» – банысан кодта Зеленский.
Афтæма фарстыл, бахъæудзæн æви нæ йæхæдæг Саакашвилийæн æххуыс, Зеленский дзуапп дæтты: «Æз постытæй нæ базар кæнын».
Абон Украинæйы 35 милуан æвзæрстгæнæг, фондз азы æмгъуыдæй сывзардзæн бæстиæйы лидеры. Ац ы постмæ хал æппарынц 39 кандидаты. Уыдонæй фавориттæ сты шоумен Владимир Зеленский, Украинæйы экс-премьер Юлия Тимошенко æмæ бæстæйы архайæг президент Петро Порошенко.
Æвзарæнон фадгуытæ бынæттон рæстæгæй, 08:00 сахатыл байгом сты æмæ 20:00 сахатыл æрцæудзысты æхгæд. Растдæр ацы афон суыдзысты бæрæг эгзитполты фæстиуджытæ.
Уыцы цауы кæд æмæ æвзæрстыты иунæг куандидат дæр нæ райсдзæн хъæлæсты 50 процентæй фылдæр, снысан уыдзæн дыккаг тур.Кæд афтæ æрцæуа уæд, президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацæудзæн 21 апрелы. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй политологты æмæ экспертты прогнозæй, Украинæйы ног президент, фыццаг туры нæ фæбæрæг уыдзæн.
Украинæйы президентон æвзæрстытæ, бынатæй рухс кæнынц Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналисттæ.