Владимир Зеленский хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ, уырыссаг газдадзæн «Цæгаты къада 2» Европæйæн  тæссаг у
Владимир Зеленский хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ, уырыссаг газдадзæн «Цæгаты къада 2» Европæйæн тæссаг у

Украинайы  президент Владимир Зеленский  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ,  уырыссаг газдадзæн  Цæгаты къада 2»  Европæйæн  тæссаг у. Уый фæдыл  фидиуæн Владимир Зеленский  йæ  польшæйаг коллегæ  Анджей Дудаимæ иумæйаг пресс-конферецийыл сарызта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Киев энергетикон  гуырæнты диверсификацийы  æмæ Польшæ-АИШ-Украинæйы  æртæкъуымоны  фæлгæтты энергетикон  æмкуыстæкынынады фарсхæцæг у».

Польшæйы, АИШ-ы æмæ Украинайы  минæвæрттæ   Варшавæйы   къуы бафыстой  кæрæдзиимææмкуысткæнынады бадзырдыл, кæцы Польшæмæ экспортмæ  æрвыст  америкаг  тæнæг æрдзон газы  Киевмæ  бадæттын  дары йæ хъуыдыйы.

Польшæйы хицауаж  куыд æмбарын кæны  афтæмæй, 2021 азмæ Киев  æхсæз миллиард  кубометр  америкаг  газ райсдзæн.

АИШ-æ æмæ Европаг  бæстæты  хай,  газдадзæн  «Цæгаты къада 2»  арæзтады ныхмæ  сты, уымæн æмæ нымайынц цæмæй  ацы проект  Европæйы  уырыссаг  энергоресурстыл бастдзинад  райрæзын кæндзæн.