Владимир Зеленский хицауадæн бахæс кодта медийы куысты регулиргæнæг закъонопроект бакусын
Украинайы президент, Владимир Зеленский, хицауадæн 2019 азы кæронмæ, бæстæйы медийы куысты регулиркæныны фæдыл закъоны проект бакусын æмæ йæ парламентмæ бавдисын бахæс кодта. Уый фæдыл информацийы, украинаг медиа хъусын кæны.
Зеленскийы барамындмæ гæсгæйæ, министрты кабинет хъуамæ бакусы закъонопроекттæ, кæцытæ аххæсдзысты ног хабæрттæм доментæмæ æмæ стандарттæм, афтæдæр æнæраст æмæ мæнг информацийы ахæлиуæй хибахизыны механизмтæм.
Афтæма, Уæрæсейы æмбæстæгтæн Украинайы медийы бардарын æмæ финансдзинад хъуамæ фæтобæ уа, закъондæттынад сæттыны тыххæй та регуляцитæ фæкарздæр уой.
Президенты ног барамындмæ гæсгæ, æмбарынгæнæн сарызта Украинайы культурæйы министр, Владимир Бородянский, кæцы ацух кодта ахæлиугонд информаци, цæвиттон Украинайы хзицауад медийы ног хабæртты стандартты регулир кæнын хъавы.
«Мах нæ хъавыдыстæм æмæ æндæр хъавæм ног хабæртты стандарттæ регулир кæнын, ай æрмæст у профессион иудзинад бар»- банысан кодта министр.
Бородянскийы информацийæ, план кæны закъондæттынады тæссаг информацийы, дезинформацийы æмæ æнæраст информацийы хъуыдытæ æрфидар кæнын, цæмæй Уæрæсейы финансгонд ног хабæртты идентификаци сырæза.