Владимир Зеленский æмæ Дональд Трамп телефонæй ныхас кодтой. Украинæйы президент социалон хызæгты куыд фыссы афтæмæй, АИШ-ы президентимæ ныхасы рæстæджы ныхасы сæйраг темæ уыд хæсты фæурæд.
«Президент Трампимæ уыдтæн продуктивон ныхас.Сæйрагдæр у хæсты фæурæд.Мах стæм бузныг АИШ-ы президентæн алы архайды тыххæй рæстадон æмæ æнæфæцудгæ сабырады тыххæй.Гæнæн уыдис бирæ мæйтæ уыдаит æнæ хæстæй, кæд æмæ йæ уырыссæгтæ нæ фæластаиккой», – фыссы Зеленский.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый Трампæн информаци бахаста Киевы æмæ æндæр горæтты Уæрæсейы æхстыты фæдыл.
Лидертæ Уæрæсейы ныхмæ санкциты фарстайыл дæр фæныхас кодтой.
«Сæ экономикæ адарддæр кæндзæн ныллæг æмæ уый тыххæй дæр Мæскуы нымайы Трампы ацы перспективæ æмæ ориентаци.Уый гæнæн ис æмæ бирæ фæива» -сиды Зеленский.
Уымæй дарддæр ма, Украинæйы лидер расидтис, цæмæй Трампимæ ныхасы рæстæджы, Киев æмæ Вашингтоны æхсæн æфсæддон æмкуыстдзинады фæдыл фæныхас кодтой.
«Дронты фæдыл бадзырды проект ныридæгæн бацæттæ ис украинаг фарсæй, мах цæттæ стæм деталонæй æруынаффæ кæнын æмæ йыл къухтæ æрфыссын», -расидтис Украинæйы президент.