Владимир Зеленски - Украина алы æмвæзыл сæвæрдзæн Михеил Саакашвилийы æрыздахыны фарста
Украина алы æмвæзыл сæвæрдзæн Михеил Саакашвилийы æрыздахыны фарста. Уый тыххæй Украинайы президент Владимир Зеленски Трускавецы лæвæрд брифнгы рæстæджы райхъусын кодта. Информаци ахæлиу кодта украинаг медиа.
Зеленски бахахх кодта, цæмæй Михеил Саакашвили у Украинайы æмбæстаг æмæ уый цæмæй, куыд президент кæддæриддæр архайы сæрмагонд æмбæстæгты æрыздахын.
Алы институт, уый ынæмцы фæсарæн хъуыддæгты министрад, нæ минæварад, кæцы кусы Гуырдзыстоны, Украинайы кусæг Гуырдзыстоны минæвары æмвæзыл æмæ нæ министрты кабинеты æхсæн бадзырды æмвæзыл, мах ацы фарстайыл кусдзыстæм.
Уыимæ иумæ, Украинайы пмрезидент банысан кодта, цæмæй Михеил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ балцы тыххæй ницы зыдта æмæ йын тынг диссаг уыд, уый фæдыл медийæ куы фехъуыста уæд.
Президент , Михеил Саакашвилийы уынаффæйы æнæрастæй схуыдта, фæлæ банысан кодта, цæмæй хъæуы хъуыддаджы алы деталы равзарын.