Владимир Зеленски гуырдзиаг фарсæн украинаг наудзогты ссæрибар кæныны тыххæй арфæ кæны
Украианайы президент Владимир Зеленски, гурдзиаг фарсæн украинаг наудзогты ссæрибар кæныны тыххæй арфæ кæны æмæ ма банысан кодта, цæмæй ацы уынаффæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы æхсæн стратегион партнерадмæ æмбæлон у.
Уый фæдыл Украинайы президент социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
«2020 азы ноябрæй кусæм Гуырдзыстоны ахст украинаг наудзогты Юрий Хомичы æмæ Владимир Дьяченкойы ссæрибар кæнынæн. Абон сæ Гуырдзыстон ссæрибар кодта. Зæрдæрухс æмæ арфæгæнæг дæн гуырдзиаг фарсæн ацы уынаффæйы тыххæй, кæцы æмбæлон у нæ бæстæты æхсæн стартегион партнерадмæ», – фыссы Зеленски.
Бакой уын кæндзыстæм, Украинайы президент абон Батумы æхсæнадæмон конференцийы исы хайад.