Владимир Путин – Уæрæсейы нысæнттæ абсолютонæй бæрæг æмæ уæздан сты, сæйраг нысан у Донбассы цæрджытæн баххуыс кæнын
Украинайы антиуырыссаг тыхтимæ быцæудзинад æнæфевгъуийгæ уыд, æрмæст нæ уыд бæрæг рæстæг – уырыссаг медийы хъусинагæй , уый фæдыл Уæрæсейы президент Владимир Путин космодром «Восточный»-ы уазæгуат уæвгæйæ райхъусын кодта.
Путин уырнæг у, цæмæй Украинайы æфсæддон операцийы нысæнттæ æнæмæнгæй сыххæст уыдзысты. Уæрæсейы президенты дзырдæй, Уæрæсейы гарзджын тыхтæ специалон æфсæддон операцийы рæстæджы архайынц æндиудæй, компетентонæй, эффектджынæй æмæ фæстиуæгджынæй пайда кæнынц сегасдæр нырыккон типы хæцæнгарзæй.
«Уыдон райдыдтой Украинайы антиуырыссаг æнцайæн пунктæй скæнын; райдыдтой национализм цырын кæнын, кæцы уым рагæй фæстæмæ уыд. Специалонæй райрæзын кодтой неонацизмы садзæн æмæ Уæрæсейы быцæудзинад ацы тыхтимæ уыд æнæфевгъуийгæ. Дызæрдыгкæныинаг нæу уый цæмæй Уæрæсейы Федерациы гарзджын тыхьæ сыххæст кæндзысты сæ нысæнттæ. Нысан у абсолютонæй бæрæг, уыдон сты уæздан. Сæйраг нысан у Донбассы цæрджытæн баххуыс кæнын. Донбассаг адæмæн, кæцыты мах банымадтам, тыхыбын бакодтой уый саразын, уымæн æмæ ныгуылæны æндæвдадæй Киевы хицауад нæзагъд ракодта Минскъы бадзырдтæ сыххæст кæнын, кæцыйы нысан уыд Донбассы проблемæтæ сабыр фæндагæй алыг кæнын», – райхъусын кодта Путин.