Владимир Путин оккупацигонд Хуссар Ирыстоны сепаратист лидер, Бибылты Анатолийæн Респбуликæйы бонæй цы хонынц уый раарфæ кодта
Уæрæсейы президент Владимир Путин оккупацигонд Хуссар Ирыстоны сепаратист лидер, Бибылты Анатолийæн Реуспбуликæйы бонæй цы хонынц уый фæдыл раарфæ кодта. Информацийы хъусын кæны Кремлы пресс-куыст.
Телегрæммæйы Путин фыссы, ома 30 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм, сæрибардзинады æмæ хæдбарад хъахъхъæнгæйæ, уæззау фæлварæн рацыдысты. Уæрæсейы президенты фидиуæнæй, оккупацигонд Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ æмцæдисондзинады æмæ интеграцийы бадзырдмæ гæсгæйæ адарддæр уыдзысты.
1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйы адæмон депутатты совет ахицæн кодта, бæстæйы «Хуссар Ирыстоны советон демокративон республикæйæ рацаразын». Ацы уынаффæ авидта Гуырдзыстоны Бæрзонддæр Советы президент 21 сентябры. 2008 азы Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы гарзджын тыхты лæбурды фæстæ, Мæскуы Гуырдзыстоны регионы, 2008 азы 26 августы, хæдбар паддзахадыл банымадта æмæ йемæ бафыста æмцæдисондзинады æмæ интеграцийы бадзырд.