Владимир Путин – Киевы неонацистон режим Уæрæсейы территорийыл хафтытæй архайы, фæкуылымпы кæна президентон æвзæрстытæ, уырнæг дæн, нæ адæм уымæн фылдæр иудзинадæй сдзуапп кæндзæн
Владимир Путин хъусын кæны, цæмæй Украина Уæрæсейыл хафтыты фæрцы архайы æвзæрстыты процессы фæкъуыхцы кæнын æмæ цæрджыты фæтæрсын кæнынæн. Уый фæдыл уый æдасдзинады советы рабадтыл ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Уæрæсейы президенты дзырдæй, ныхмæлæууæджы хафтытæ æнææфхæрд нæ баззайдзысты.
«Хъæлæскæныны процесс фæкъуыхцы кæнын, фæнды Украинаимæ арæйнон зылдты адæмы фæтæрсыны нысанæн, Киевы неонацистон режим сфæнд кодта æмæ архайы сæххæст кæны фыдгæнæгон демонатсрацион гарзджын акциты рæнхъ. Уый фыццаджы дæр Уæрæсейы территорийыл сабырадон цæрæн пункттыл хафтыты сыххæст у» – райхъусын кодта Путин.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ ныхмæлæууæгы ракетæты æмæ сармадзаны нæмгуыты 95 проценты куынæг кæнынц Уæрæсейы уæлдæфон иргъæфы тыхтæ, фæлæ ис зианбавзарджытæ сабырадон цæрджыты æхсæн.
Путин банысан кодта, цæмæй 12 марты фæстæ сыххæст ис «диверсион террористон бырстыты сери», цыппар Белгороды æмæ иу Курсы зылдты, Уæрæсейы территоримæ баирвæзыны æмæ фидар ныллæууыны нысанæй.
«Æфсæддон цæтсæнгасæй ацы æнæрхъуыды гуманитарон цæстæнгасæй фыдгæнæгон акциты нысан у, архайд, фæкъуылымпы кæной Уæрæсейы президенты æвзæсртытæ. Уырнæг дæн, нæ адæм Уæрæсейы цæрджытæ, уымæн ноыдж фылдæр иудзинадæй сдзуапп кæндзæн» – райхъусын кодта Путин.
Йæ дзырдæй, зæгхгæ ацы архæйдтыты ноджы иу нысан гæнæн ис уа сæрмагонд адæмы æмæ æндæр бæстæты дзыллæты хъусдард рахæссын хæсты быдырыл сырæзт реалон уавæрæй.