Владимир Путин Кемеровамæ ныццыд æмæ мардгондты æрымысыдæн скад кодта
Владимир Путин Кемеровамæ ныццыд æмæ мардгондты æрымысыдæн скад кодта
Уæрæсейы президент Владимир Путин абон сæумæрайсомæй Кемеровамæ ныццыд æмæ зынгирвæзты фæстиуæг мардгондтæн скад кодта. Уый фæдыл уырырссаг медия парахат кæны информаци.
Уæрæсейы, базарадон центры зынгирвæрзты амæттæгты нымæц 37-ы онг райрæзт. Информацийы уырыссаг медиа, бæстæйы фæдæвзарæг комитетыл æнцойæ хæлиу кæны.
Уыйимæ иумæ, фæдæвзарæг комитекты фидиуæнæй, фæдæвзарæн мадзæлттæ дарддæр кæнынц.
Уырыссаг медийы хъусинагæй, рынчындæтты хуыссынц 40-ы онг зианбаййафæг.
Хæлиу кæны информаци, цæмæй ац рæстæгмæ, æвæндаг æрбайсæфтуæвджытыл нымад цæуынц 70-ы онг адæймаг, сæ нымæцы 40 сывæллон.
Базарадон центры афтæдæр уыдис зоопарк, кæцыйы 25 хуызы 200-ы онг цæрæгойы дарттой. Зоопаркы директоры Евгений Видеманы фидиуæнæй, вæццæгæн зынгирвæзты фæстиуæгæн цæрæгойтæ иууылдæр сыскъуыдысты. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрæгойты фервæзын кæнын практиконæй гæнæн нæ уыд.