Владимир Путин - Цæттæ стæм, Дональд Трампæн Мæскуыйы сфысым кæнæм
Уæрæсейы президент, Владимир Путин, Дональд Трампы фæхуыдта Мæскуымæ. Информацийы уый тыххæй хæлиу кæны агентад Reuters.
Агентады хъусинагæй, Уæрæсейы президент ацы фидиуæн сарызта Хуссар Африкæйы, Бриксы саммитыл.
«Хорз æмбарын, цы загхта президент Трамп. Ис мæм æмбæлгæ фæндон. Æз уымæ цæттæ дæр. Цæттæ стæм, президент Трампы Мæскуымæ фæхонæм. Æз йын уый тыххæй нырид фехъусын кодтон» – загхта Путин, фæлæ не сконкрет кодта, цы дзуапп йын ратта Трамп.
Фæстаг хатт Трамп Мæскуыйы уыдис 2013 азы, æмæ кастис «Мисс Дунейы» конкурсмæ.
Бакой уын кæндзыстæм, фæстагмæ Америкæйы Иугонд Штатты æмæ Уæрæсейы президенттæ кæрæдзиимæ фембæлдысты Финляндийы, 16 июлы.