Владимир Путин 18-19 августы паддзахадон визитæй ныццæудзæн Азербайджанмæ
Уæрæсейы президент Владимир Путин 18-19 августы паддзахадон визитæй Азербайджанмæ ныццæудзæн. Информаци уый тыххæй хъусын кæны Кремль.
Кремлы хъусинагæй, бадзырдты рæстæджы æркæсдзысты Азербайджаны æмæ Уæрæсейы æхсæн стратегион партнерады æмæ æмцæдисондзинад ахастыты райтынг кæныны фарстатæ, афтæма актуалон æхсæнадæмон æмæ регионон проблемæтæ.
Визиты фæлгæтты план кæны паддзахадты сæргълæуджыты иумæйаг фидиуæны райст. Афтæма æхсæнхицауадон æмæ æндæр документтæ бафыссын.
Уæрæсейы президент Владимир Путин Азербайджаны фæстагмæ 2018 азы уыд.