Владимир Константиниди - Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстытæ, Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ æмæ этникон ныссыгъдæджы закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæныны радон æнæфæстиуæгджын архайд у
«Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстытæ, уагъд сты Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ æмæ у этникон ныссыгъдæджы закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæныны радон æнæфæстиуæгджын архайд» – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвар, Владимер Константиниди райхъусын кодта.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвары дзырдæй, оккупацион режим, оккупацигонд регионтæм хицæн гоймæгты нылласынæй æмæ сæ æхсæнадæмон цæстбарджытæй бавдисынæй, архайы бæрæг легитимацийы хуыз ратта процессæн.
«Абхазаг прессæйы фæзындис информаци, цæмæй æнхъæлмæ кастысты æхсæнадæмон цæстдарджытæм. Оккупацион режимтæ , хицæн уæнгты, хъомысдарæг агентты, сателитты нылласын оккупацигонд регионмæ æмæ сæ æхсæнадæмон цæстдарджыты хуызæн бавдыинæй архайынц, бæрæг легитимаци хуыз раттой процессæн. Уæвæг информацийæ, Китайæ минæвар æмæ а.х. цæстдарæг нæ ныццыдис. Ис нæм информаци иу гоймагы тыххæй, кæцы к Берлины закъондæттæг органæй, фæлæ уый уым уæвы хицæн статусæй æмæ йæм ницы бартæ уыцы уагдонæй, кæцыйы дæр кусыю Ай у радон æнæзакъонон архайд, цæмæй уым уæвæг процесстæ исты амæлттæй закъононы æнгæс скæной» – райхъусын кодта Константиниди.
Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхазы абон, а.х. президентон æвзæрстытæ цæуынц. Оккупацион режим куыд хъусын кæны афтæмæй, «Президенты постмæ тохы кæнынц фараст кандидаты æмæ сæ нымæцы ис архайæг президент Рауль Хаджимба». Уæрæсейы оккупацигонд регионы арызт сты «35 æвзæрстгæнæн зылд æмæ 152 фадыгы».