Уханæй Гуырдзыстоны ноджы дыууæ  æмбæстагы эвакуаци цæуы, кæцыйы  æххæст кæны  францаг фарс
Уханæй Гуырдзыстоны ноджы дыууæ æмбæстагы эвакуаци цæуы, кæцыйы æххæст кæны францаг фарс

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады   минæвары, Владимир Константинидийы  куырдаитæй, зæгъгæ  горæт Уханæй   Гуырдзыстоны  ноджы  дыууæ мæбсæтагы  эвакуаци цæуы,  кæцыйы  æххæст кæны  францаг фарс.

Константиниди  куыд банысан кодта  афтæмæй, уыдоны схуыссын  кæндзысты  медицинон  уагдоны,  ацæудзысты карантины   период æмæ   Гуырдзыстонмæ  уый  фæстæ   рараст уыдзысты.

Афтæма   йæ ныхæстæм  гæсгæ,   низы  ахæлиуы  фыццаг бонтæй, Уханы   уыд гуырдызстоны  æртæ æмбæстаг,  кæцытæй  дыууæ низы ахæлиуы  радиан  жтапыл   сæрмагонд  инициативæйæ ацыдысты  горæтæй.

«Гуырдзыстоны  минæварады  консулон хыгъды  сты  Гуырдзыстоны 188 æмбæстаг.  Уымæй  дарддæр,  ис  æмбæстæгтæ, кæцытæ  консулон хыгъдмæ хаст не сты, уымæн æмæ  Китайы  нæ  минæварадмæ  нæ басидтысты, фæдæ  официалон  веб-фарсыл  æвæрд æрцыд  куырдиат, бынæттон хызæгты  фæрцы,  сæрмагонд  контактты  фæрцы  сæ акæцыимæ дæр  бантыст коммуникаци, идентификаци æрцыд,  сбæрæг ис кæцы рæтты  сты уый, æмæ  сæм лæвæрд æрцыд  информаци  уæвæг  уавæры тыххæй, рискъытыл,  рекомендацитæ,  афтæдæр сын банхъарыдыстæм организацион  хуызы  æххуыс.  Сæ  фылдæр   Китайы  территори ныууагхдтой» – райхъусын кодта  Владимер Константиниди.