Виталий Кличкойы информацийæ, Уæрæсейы уæлдæфон  бырсты фæстиуæгæн, Глосеевкæйы районы  амард иу адæймаг, бынатыл дарддæр кæнынц агурæн  куыстытæ
Виталий Кличкойы информацийæ, Уæрæсейы уæлдæфон бырсты фæстиуæгæн, Глосеевкæйы районы амард иу адæймаг, бынатыл дарддæр кæнынц агурæн куыстытæ

Æхсæвы Киевыл Уæрæсе  сыххæст кодта  уæлдæфон хафт.  Украинайы   сæйраг горæты  мэры  Виталий Кличкойы хъусинагæй,  Голосеевскы  районы   базиан ис  æмæ  зынг  фæзындис  бирæуæладзыгон   цæрæн корпусы,  амард иу æмæ  госпитализацигонд  сты  цыппар   адæймаг. Бынатыл   ирвæзынгæнæн  куыстытæ  кусынц.

Украинаг фарсы хъусинагæй,   æхсæвы  уæлдæфон   хъахъхъæды тыхтæ   Киевы   сæрыл  Уæрæсейы  20-æй фылдæр  æнæпилот   тæхæн аппараты  æрыппæрстой. Афтæма    састыты  æрхауды фæтсиуæгæн   зынг сирвæзтис  цæрæн хæдзары  Подолы  районы.

Киевы   горæты  администрацийы хъусинагæй,   уый   зæрдæвæрæны нырид 17-æм  уæлдæфон   бырст у.  Бырст уыдис  массон  æмæ æндæр æмæ æндæр  æрдæмадтæй  цыдис.  Уæлдæфон   фæдис  æртæ сахаты  бæрц аххæссыд.