Виталий Кличко - Кæд мæ зонд, энерги æмæ фæлтæрддзинад бахъæудзæн, цæмæй Украина Европаг бауа, уæд уый тыххæй алцыппæт сараздзынæн
Кæд мæ зонд, энерги æмæ фæлтæрддзинад бахъæудзæн, цæмæй Украина Европаг бауа, уæд уый тыххæй алцыппæт сараздзынæн – уый фæдыл Киевы мэр Виталий Кличко, «Левый Берегæн» лæвæрд интеревьюйы загъта. Журналист æй баарста фæнды æви нæ Украинайы президентæй суæвын.
«Бирæтæ æнхъæлынц, цæмæй президентæй уæын у привилеги, уый стыр рæдыд у. Президентæй уæвын у стыр бæрн, тынг вазыгджын уæз у. Мæ хъуыддаг аразын, уымæн æмæ æнхъæлын, цæмæй Украина хъуамæ уа демократон, размæцыд бæстæ. Уый у сегасдæр хуыздæр бæстæ Дунейы. Кæд мæ мæ зонд, энерги æмæ фæлтæрддзинад бахъæудзæн, цæмæй Украина Европаг бауа, уæд уый тыххæй алцыппæт сараздзынæн æмæ аразгæ дæр кæнын» – райхъусын кодта Кличко.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ныр «цыдæр постытыл ныхас кæнын æдылы ми уыдзæнæ мæ алкæмæ ис иу план – хæсты фæуæлахиз уын», æрмæст президентон æвзæрстытæ куы уыдзæн, кæд ныхас кæндзæн президентдзинадыл.