Вили Саньол – Сæрыстыр дæн, Европæйы  Чемпионатыл цы  сарызтам уымæй,  турнир  абон фестæм  æмæ 2026 азы мундиалыл  дзурын нырма  раджы у#1TVSPORT
Вили Саньол – Сæрыстыр дæн, Европæйы Чемпионатыл цы сарызтам уымæй, турнир абон фестæм æмæ 2026 азы мундиалыл дзурын нырма раджы у#1TVSPORT

Евро 2024-ыл   Испанийы æмбырдгондимæ  æстæмфиналон  фембæлд   прессконференцийы  схатдзæг  кодта Гуырзыстоны  националон æмбырдгонды   тренер, Вили Саньол.

«Сæрыстыр стæм, Европæйы  Чемпионатыл   цы сарызтам уымæй. Испайнæгты  фыццаг  голы  рæстæджы уыдис  бæлвырд офсайд.  Кæд  Францы   æмбырдгондимæ  Нидерландты  къæм  аивдтой, уæд абон  дæс хатт дырысдæр  ситуаци уыд. Видеорефери   дзæбæх   амал у, фæлæ  йæ  растæй    скусын кæнын   кæронмæ нæ  зонæм.   Адæймæгтæ  æмхуызон  эпизодтыл хъауджы    уынаффæтæ  исынц, кæцыйы футболисттæ  не  мбарынц.

Европæйы  Чемпионат нын абон фæцис æмæ 2026 азы  мундиалмæ  бахауыныл дзурын нырма раджы  у.   Уыдис нын дзæбæх периодтæ, фæлæ  афтæ  иу  алкуырандæр æрцæуы.   Ныр сабырæй  хъуамæ   ахъуыды кæнæм  цы сарызтам æмæ цы  фæндаг рацыдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы,   фæстаг  фæстиуджытæй  райгонд уыдзыстæм, уымæн æмæ æмбырдгонд диссаджы    эволюци   бавзæрста.   Сæрыстыр дæн нæ футболисттæй. Ныр  ацы  фæндаджы  кæронмæ  æрцыдыстæм, фæлæ  мæ ныфс ис   ноджы  хуыздæр     фæндаг дæр нын уыдзæн.

Евро 2024-ыл   къордонæй  фантастиконæй ахъазыдыстæм. Нæ дзурын, цæмæйныфссаст стæм, фæлæ   æмбылдæй  уæддæр хъыг стæм.  Фæлæ  ахæм у фубол. Æввахс бонты   равзардзыстæм цы  сарызтам. Ацы  матчæй  футболисттæ  хъуамæ сахуыр уой.  Урок райсын  æмбылдæй дæр   ис  гæнæн æмæ уæлахиздзнадæй дæр», –  загъта Вили Саньол.