Европæйы Чемпионаты тыххæй Гуырдзыстоны хицауад Германийы æрдæм чартерон æмæ регулярон рейстæм билеттыл субсидитæ рахицæн кодта
Европæйы Чемпионаты тыххæй Гуырдзыстоны хицауад Германийы æрдæм чартерон рейсты субсидирдзинад сæххæст кæндзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе хицауады абоны арбадтыл райхъусын кодта.
«Куыд æй зонут, афтæмæй фæныхас кодтам, авиабилетты субсидирдзинадыл, кæцы баст у Германийы Ервопæйы чемпионатмæ тахтытимæ. 18,22 æмæ 26 июлы ацæудзæн Гуырдзыстоны æмбырдгонды матчытæ æмбæлгæ къорды. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй куыд гæнæн ис афтæмæ фылдæр гуырзиаг сæрхъызой ныццæуа ацы матчытæм.
Уый тыххæй нысаниуæгджын у балц фенцондæр кæнын æмæ фæасламдæр кæнын. Уымæ æмбæлгæйæ, райстам мадзæлттæ æмæ цæуы чартерон рейсты субсидирдзинад, снысан субсидитæй, афтæма æххæст кæнæм рæнхъ регулярон рейсты субсидирдзинад.
Матчыты датæлтыл уыдзæн арызт ацы тахтытæ. Комкоммæ рейстæ уыдзæн Германийы горæтты – Дортмунды, Гамбургы, Коны æмæ Дюссельдорфы. Æмтгæй райсгæйæ субсидиргонд билетты балхæныны фадат уыдзæн æртæ мин сæрхъызойæн. Дыууæ мины онг сæрхъызойæн уыдзæн ифтонгггонд комкоммæ тахтытæ Тбилисы æхснадæмон аэропортæй, иу мины бæрц балцæгæн та Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй. Иу фæндаджы аргъ субсидиимæ уыдзæн 195 евро, дыууæ фæндаджы та 390 евро. Билетты уæймæ рахæсдзыстæм къуырийы кæронмæ», – фехъусын кодта Къобахидзе.