Вили Саньол – футболисттæ, нысаниуæгджын хъæзтытæм цæттæ, раздæр куыд никуы уыдысты, афтæ  сты  ерын#1TVSPORT
Вили Саньол – футболисттæ, нысаниуæгджын хъæзтытæм цæттæ, раздæр куыд никуы уыдысты, афтæ сты ерын#1TVSPORT

Гуырдзыстоны националон футболы æмбырдгонды  сæйраг тренер  Вили Саньол  Бердзенимæ Евро 2024-ы плейофы  финалы онг медиаимæ фембæлдис  æмæ ацы иттæг нысаниуæгджын   матчы агъоммæ,  балы  цæттæдзинадыл фæныхс кодта.

«Куыд  дзæбæх хатынц  сæхи  æмбырдгонды уæнгтæ? Уыдис 4-5  боны  хъазты онг,   раззаг матчæй хъауджыйæ æмæ фæстæмæ къæхтыл слæудæн нæм фылдæр рæстæг уыдис.  Люксембургы фæстæ   26 хъазæг дæр  цæттæ сты.  Бззадис ма нын фæстаг   фæлтæрæн.  Æндæогъы тыххæй мæ дзурын нæ фæнды, уымæн æмæ  нæ хъуыдымæ гæсгæ, хъусдард нæхи балмæ хъуамæ  раздахæм.

Куы базыдтам, цæмæй Бердзенимæ фембæлдзыстæм, зыдтам, цæмæй  вазыгджын  хъазт  уыдаит, уымæн æмæ сын  дзæбæх  футболисттæ ис. Финал æмæ уæлахиздзинад нæ дыууæйы дæр  хæъуы.  Уæлахиздзинады менталитет у,  цы сараздзынæ  нæ балы тыххæй.  Бæллын йæ бон алкæмæн у, фæлæ  хъазын  – цъустæн.   Æрвылбойнонæй  дæ нысаны руаджы хъуамæ  цæрай æмæ  уый тыххæй  алы бон цыбæр  саразай.

Фæнды мæ раарфæ кæнын мæ футолисттæн, уымæн æмæ  уыдонмæ ис  размæцыдмæ тырнындзинад æмæ ныр,  раздæр нысаниуæгджын матчмæ  цæттæ  куыд никуы  уыдысты, афтæ  сты ерын.

Хъазт 90 нæ фæлæ, гæнæн ис 120 минуты аххæсса. Фæлæ  æз  уырнæг дæн, мæ бал алцæмæ  цæттæ у.  Цæттæ  кæнæм  нæхи  æви нæ  пенальтиты серимæ? О, æмбарæм, цæмæй  пенальтиты сери  дæр ис гæнæн уа æмæ уымæ дæр цæттæ кæнæм нæхи», –  дзуры Вили Саньол.