Билетты  уæй  райдыдта -  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд 7 июны ахъаздзæн
Билетты уæй райдыдта - Гуырдзыстоны æмбырдгонд 7 июны ахъаздзæн

Гуырдзыстоны æмæ  Гибралтары  националон æмбыргæндты  матчы билетты  онлайн режимы уæй  абон 30  майæ  райдыдта.

Сæрхъызойтæн сæ бон у  интернеты фæрцы  веб-фарс  tkt.ge-йыл билетты  балхæнын.  Аргъ у 5,10,15, æмæ 25 ларийы.

Афтæма, билетты уæй  «Динамо Аренæйы»  кассæты  цалдæр бонмæ райдайдзæн.

Матчы 7  июны Борис Паичъадзейы   номыл  «Динамо аренайыл»  сырæздзæн.   Нæ националон æмбырдгондæн ис шанс, цæмæй 2020  азы   Европæйы  чемпионаты  квалификацион   этапы æртыккаг   туры,    турнирон уавæр   фæхуыздæр кæна  æмæ фыццаг уæлахиздзинадмæ æрцæуы.

Матчы комкоммæ  трансляцийы,   Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал   радæтдзæн.  Матч 20:00  сахатыл  райдайдзæн.