Виктор Орбан хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы уæнгдзинады бадзырдтæ райдаын Украинаимæ уыдзæн «æвирхъау рæдыд», кæцыйæ Венгри йæхи хъуамæ аиуварс кæна
Венгрийы премьер-министр Виктор Орбан хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы уæнгдзинадыл бадзырдтæ райдаын Украинаимæ уыдзæн æбуалгъ рæдыд, кæцыйæ Венгри йæхи хъуамæ аиуварс кæна. Уый фæдыл венгриаг онлайнрауагхдад «Mandiner»-имæ интервьюйы райхъусын кодта.
Виктор Орбан дзуры, цæмæй Венгри фæстææ уыцы позицийыл ис, ома Евроцæдис ма хъуамæ райдайæт бадзырдтæ Украинаимæ фæнгдзинады фæдыл æмæ уый бæсты стратегион партнерадмæ тырнид. Орбан ноджы иу хатт банысан кодта, цæмæй ацы фарста хъуамæ рацух уа Евроцæдисы саммиты боны фæткæй, уымæн æмæ Венгри йæ фарс нæ рахæцдзæн Украинаимæ бадзырдтæ райдаынæн.
«Евроцæдис цæттæ кæны æвирхъау рæдыдмæ æмæ мах уый ма хъуамæ бауадзæм, фæнды 26 паддзахады дæр фæндид фæрæдийын. Кæд мах Украинайæн фарсхæцын геополитикон сигнал саразын фæнды, уæд афтæ хъуамæ бакæнæм уæнгдзинады бæсты», – банысан кодта Орбан.