Виктор Орбан – Европаг институттæ, æхца жæттынц ахадæг «соросæгтæн», кæцытæ еврокомиссийы æмæ европарламенты бадынц, Брюссель бонæй-бон фылдæр у сæ амынæты
Европаг институттæ æхца дæттынц ахадæг «соросæгтæн» кæцытæ бадынц еврокомиссийы æмæ европарламенты, уый тыххæй Брюссель, фылдæрæй-фылдæр кæны йæ амынæт – уый фæдыл Венгрийы премьер-министр Виктор Орбан, венгрийаг радиоимæ интервьюйы райхъусын кодта.
Венгрийы хицауады къухдариуæггæнæгы дзырдæй, Брюссел реалонæй «Соросы» хызаджын ахæст у. Орбаны фидиуæнæй, зæгъгæ Брюсселы ис хæстон атмосферæ, хæсты æвзаг, хæсты логикæ æмæ Брюсселы сæрмагонд хæст уадзы Мæскуыйы ныхмæ, фæлæ Венгри Уæрæсеимæ нæ тох кæны.
Венгрийы хицауады сæрдар банысан кодта цæмæй Венгрийы ис организацигонд поитикон тых, кæцы бæстæйы хæтмæ баласдзæн.
«Мах ныр уыцы этапыл стæм, НАТО-йы бæстæтæм куы сидынц, æфсæддон æмвæзыл биу уой Уæрæсе-Украинайы хæстмæ. Бæстæ кæд Уæрæсеим æгарзджын конфликтмæ бахиздзæн, уæд уый гæнæн ис Дунейон хæст расайа. Гæнæн ис бынæттон конфликтæй Дунейон хæстмæ ахизын. Ма нæ ферох уæд цæмæй дунейон хæстытæ райдыдтой централон Европæйы. Фыццаг дунейон хæст афтæдæр бынæттон конфликт уыд, кæцы этапгай рæзтис» – райхъусын кодта Виктор Орбан.