Виктор Долидзе – НАТО-ы Мадриды саммитыл Гуырдзыстон бавдыст уыдзæн премьеры æмвæзадыл
НАТО-ы Мадриды саммитыл премьеры æмвæзадыл уыдзыстæм бавдыст, – уый фæдыл НАТО-ы Гуырдзыстоны минæвар Виктор Долидзе фехъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, кæронбæттæг проект нырма бавдыст нæу, фæлæ абон кæнæ сом уыдзæн уынаффæ.
«Бæлвырд мæ бон зæгъын у уый, цæмæй премьеры æмвæзадыл райсдзыстæм хайад æмæ уыдзыстæм партнертимæ, аспирант бæстæтимæ иумæ. Ахæм бæстæтимæ, цахæмдæр сты Финлянди, Швеци, афтæма Ази-Сабыр Океанийы цыппаримæ иумæ, кæцыйыл нырид фæныхас кæндзыстæм глобалон æдасдзинады фарстайыл, кæцы у иттæг нысаниуæгджын», – райхъусын кодта Виктор Долидзе.
Уыимæ ма, Виктор Долидзе комментари сарызта НАТО-ы хъахъхъæнынады министериалы фæдыл æмæ райхъусын кодта, цæмæй ныр иттæг нысаниуæгджын у алкæцы фембæлд, кæцы ахæм бæрзонд æмвæзадыл цæуы.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, Украинайы цæугæ хæсты фоныл, уый нымæцы Гуырдзыстонæн, ай у скуыддзаггæнæг этап бирæ æрдгæй. Уыдзæн нæ иргъæвхъомад стынг кæнын, политикон фарсхæцын гом дуары политьикæйæн æмæ Бухаресты саммиты уынаффæмæ, æви цыфæнды æндæр политикон æмвæзы фарстатæ. Уымæ гæсгæ дæр, абон нын ис иттæг нысаниуæгджын фембæлдтæ. Иу ныридæгæн ацыд, политикон æмæ æфсæддон сферæйы æмгуыстады комитет, «NGC»-ы формат, цы ран бавдыст уыдысты фыццаг хæдивджытæ хъахъхъæнынады æмæ фæсарæн хуъыддæгты уагдæттæй, фæныхас кодтой уыцы проблематикæйыл, кæцы баххæсдзæни фыццаджы дæр Украинамæ, афтæма Гуырдзыстонмæ, йæ проблемæтæм, иргъæфхъомад стынг кæнынмæ æмæ территорион æгасдзинадмæ», – райхъусын кодта Виктор Долидзе.