Виктор Долидзе – стыр ныфс нæм ис, цæмæй  Брюсселмæ  премьер-министры визит æмæ НАТО-ы йæ фембæлдтæ  ноджы иу, нысаниуæгджын импульс ратдзысты  альянсы  фидæны  нæ æхæстаргъджын уæнгдзинады
Виктор Долидзе – стыр ныфс нæм ис, цæмæй Брюсселмæ премьер-министры визит æмæ НАТО-ы йæ фембæлдтæ ноджы иу, нысаниуæгджын импульс ратдзысты альянсы фидæны нæ æхæстаргъджын уæнгдзинады

Иттæг нысаниуæгджын бон у абон НАТО-ы,  уый тыххæй,  цæмæй  Гуырдзыстоны  ногæвзæрст премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  фыццаг хатт   фæуазæг уыдзæн НАТО-ы  штаб-хæдзармæ, цыран  йын  уыдзæн фадат  бæрзонд æмвæзадыл  ауадза  фембæлдтæ НАТО-йы  генералон нымæрдары  хæдивæгимæ, æндæр æмæ æндæр куыстыты хистæртимæ», – уый фæдыл  НАТО-ы  Гуырдзыстоны минæвар Виктор Долидзе райхъусын кодта.

Долидзейы  дзырдæй,  дыууæфарсон  фембæлдтæй  дарддæр ма   цæгаталантикон слветы  фæлгæтты  ацæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы  рабадт.

«Уимæ иумæ, дыууæфарсон фембæлдтæй  дарддæр,  нын уыдзæн  НАТО-Гуырдзыстоны  комиссийы рабадт цæгататлантикон советы æмвæзыл, кæцыйыл  минæвæрттæн, НАТО-ы  бавдыс т альянсы  минæвæрттæ  уыдзæн фадат уыимæ æркæсой ахæм темæтæ, цахæмдæр сты фæсарæн  æмæ æдасдзинады  сегасдæр сæйраг приоритеттæ,  реформæты цыд  бæстæйы,   НАТО-мæ  интеграцийы процесс. Хæсæг кæны Вашингтоны   самит ацы азы  сæрды, кæцы  у иттæг нысаниуæгджын  саммит. Уый у  юбилейон  саммит, 75 азы юбилей, кæцыйыл æркæсдзысты æнæрмæст  альянсы  расидтытæ æмæ рискъытæ, фæлæ ма  партнерады тематикæ дæр, кæцыйы  Гуырдзыстон у  иуæй-иу  раздзог æмæ уыимæ разы сты   æнæхъæн  альянсæй.   Уый тыххæй  ацы  интеракцийы  æмцæдисонтимæ тынг стыр нысаниуæг ис  æмæ стыр ныфс дарæм, цæмæй Брюсселмæ премьеры фыццаг визит  æмæ НАТО-ы йæ фембæлдтæ   ноджы иу, нысаниуæгджын  импульс ратдзæн   нæ  æххæстаргъджын   уæнгдзинадæн  альянсы фидæны», –  райхъусын кодта Виктор Долидзе.