Виктор Долидзе – уырнæг дæн, Гуырдзыстоны альянсмæ интеграцийы цæстæнгасæй, норджы иу размæ арызт къахдзæф уыдзæн
Виктор Долидзе – уырнæг дæн, Гуырдзыстоны альянсмæ интеграцийы цæстæнгасæй, норджы иу размæ арызт къахдзæф уыдзæн

НАТО-ы  Гуырдзыстоны минæвар, Виктор Долидзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ Брюсселы плангонд НАТО-ы саммит  уыдзæн сæрмагонд, уымæн æмæ АИШ-ы президент Джо Байден  ацы  амплуайы  фыццаг хатт   ралæудзæн æмцæдисонты  раз  æмæ  æркæсдзысты  глобалон  темæтæ, сæ нымæцы  ахæм фарсстæтæ,  кæцытæ  æххæссынц «Китайы  экспансимæ, Уæрæсе æмæ  гибридон æртхъирæнтæм».

Долидзейы ныхæстæм  гæсгæ,  зæгъгæ саммит афтæдæр баххæсдзæнис  Гуырдзыстоны фарстамæ.

«Фæндзæм пунктмæ æмбæлгæйæ,   куыд Гуырдзыстон, афтæ Украинайы фарста дæр уыдзæн  каст, сæ  нымæцы ахæм фарстæтæ,  кæцытæ æвдисынц  нæ территорион  æнæхъæндзинад, суверенитет æмæ   деоккупацийы  нысаниуæг, иурæстæгонæй  гом  дуары  политикæ дæр, кæцы махæн  у иуæй-иу райдайæн цæстынгас», – банысан кодта Долидзе.

Виктор Долидзейы дзырдæй,   зæгъгæ НАТО-ы  саммиты хатдзæгон   документ,  ныры онг цы  уыд,  уымæй  бирæ хуыздæр уыдзæн.

Виктор Долидзе  ма  афтæдæр радзырдта  уый фæдыл, цæмæй  Брюсселы  саммиты  параллелонæй,  Гуырдзыстоны премьер-министр,  хайад райсдзæн  «Брюсселы форумы».

Нæй гæнæн ма банысанæуа премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  хайад  Брюсселы  форумы, кæцы   саммиты фæдыл  æмæ  йæ параллелонæй  цæуы.  Кæнæ та, НАТО æмæ Джордж Маршалы  фонд иумæ уадзынц  Брюсселы форум, кæцы  нывонд у «НАТО2020»-ы  документæн æмæ уый у иттæг нысаниуæгджын», –  фехъусын кодта Виктор Долидзе.

Нæ сæйраг æнхъæлц у НАТО-имæ, афтæ куыд  Евроцæдисмæ гæсгæ ис  уæнгдзинад æмæ æххæстаргъджын интеграци НАТО æмæ Евроцæдисмæ.  Уыдзæн уый  МАР-ы фæрцы, кæнæ  æнæ МАР,  уый ницы  уæлдай у.  Фæлæ уый, цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн уæнгæй  æмæ   Бухаресты саммиты хæстæ  рагхыгъд уыдзысты документы, иттæг нысаниуæгджын у.  Нæ мæ фæнды нæ æмбæстæгты  æнхъæлцытæ  сцырын  кæнын, уый тыххæй, цæй  банхъæлмæ кæсæм,  уырнæг дæн,  цæмæй ноджы иу  размæ  къахдзæф уыдзæн интеграцийы  цæстæнгасæй, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй  сом æмæ иннæбон  суыдзыстæм НАТО-ы  уæнг, фæлæ  ацытæккæ мæ бон зæгъын у,  цæмæй  НАТО-ы уæнгæй  æнæмæнгæй  суыдзыстæм», – загъта Виктор Долидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы.