Венгрийы  куыд  Евроцæдисы  сæрдар бæстæйы организацигонд  министрты рабадтыты, хайад райсыныл  дæуд кæнынц  цалдæр европаг паддзахадæй
Венгрийы куыд Евроцæдисы сæрдар бæстæйы организацигонд министрты рабадтыты, хайад райсыныл дæуд кæнынц цалдæр европаг паддзахадæй

Венгрийы, куыд Евроцæдисы  советы  рæстæгмæ  сæрдар бæстæйы  организацигонд министрты  рабадтыты хайад райсын  Швеци æмæ ноджы цалдæр европаг паддзахад нæ хъавынц.

«Ройтер» Швецийы хицауады фидиуæны æнцойæ  куыд хъусын кæны  афтæмæй,  бæстæты демарш  Виктор Орбаны   кахдзæфимæ у баст, кæцы  цалдæр   боны размæ  Владимир Путинимæ   бадзырдтæ  ауагъта, кæцы  европаг лидерты хайы  мæстыдзинад расайдта.

«Венгрийы  архæйдтытæ   Евроцæдисæн  знаггад кæнынц æмæ уый  Будапештæн  фæстиуæг хъуамæ  рхæсса.   Уый тыххæй  Швеци   нæ исы хайад   æнæформалон  рабадтыты, кæцытæ  плангонд сты  июлы», – райхъусын кодта Швецийы  Европæйы  хъуыддæгты министр Джессика  Розуол.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Швеци, Финлянди, Эстони, Латви, Лиетува æмæ Польшæ  ацы  рабадтытæм паддзахадон  гæсты арвитдзæн,   министрты бæсты.

Розуолы  фидиуæнæй,  аналогион  уынаффæ рахæссыныл тæрхон кæнынц  Евроцæдисы  ноджы  цалдæр бæстæйæ.

Венгри Евроцæдисы  сæрдар бæстæ  ротацийы принципæй   фыццаг  июлы ссис æмæ ацы статусæй  31  декабрмæ  уыдзæн.