Венесуэлайы  ахæстоны   зынгирвæзты  хъуыддагыл  æрцахстой  полицийы фондз кусæгы
Венесуэлайы ахæстоны зынгирвæзты хъуыддагыл æрцахстой полицийы фондз кусæгы

Венесуэлайы  ахæстоны   зынгирвæзты  хъуыддагыл  æрцахстой  полицийы фондз кусæгы.  Развæлгъау   ахсты  изоляторы   зынгирвæзты  амæттаг фесты  68  адæймаг.

Карабобойы  прокуратурæйы куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  фондз барадхъахъæнæг  ахст сты.  Уыдон тæрхондоны раз абон ралæудзысты.

Æвдисæнтæ куыд  дзурынц  афтæмæй,   Венесуэлайы  Валенсиайы  штаты уæвæг  сахар  Карабобойы   изоляторы  зынгирвæзты   размæ  уыдис  бунт  æмæ æхстæ.

Венесуэлайы   оппозици æрцæугæйы  азымджын кæны  бæстæйы лидеры  Николас Мадуройы  æмæ йæ хицауады.  Сæ ныхæстæм гæсгæ  хицауад   ахæстæтты  уæвæг уæззау    уавæры рараст кæнын нæ архайы.