Зынгирвæзты фæстиуæгæн Паризы Мады Майрæмы аргъуаны куполы цъупп æркалдис [видео]

22:52, 15.04.2019

Зынгирвæзты  фæстиуæгæн   Паризы Мады Майрæмы  аргъуаны   комплексы  куполы  цъупп   æркалдис.  «Франс Прессы»  хъусинагæй,  уый фæдыл  Паризы  мэры хæдивæг   райхъусын кодта.

Нырма  бæрæг нæу, цæй аххосæй фæзындисаргъуаны сыгъд.  Фæлæ  «ВВС»  куыд фыссы  афтæмæй,    зынгсирвæзт гæнæн ис   аргъуаны цæугæ  реставрацион  куыстыты аххосæй  фæзынд.

Полици æмбæстæгтæм сиды,   аргъуаны  алфæмбылай территорий  ныууадзын æмæ  фæндаг  ссæрибар кæнын  Уæлвæтк  Уавæрты  куысты  техникæйæн.

Паризы Мады Майрæмы  аргъуаны  сыгъд  цъус рæстæг размæ  фæзынд.

Хуыздæр