Венецийы  комиссийы рекомендаци у, уый æмæ æвзарæнон кодексы, политикон иугæндты  фæдыл закъоны æмæ парламенты регламенты реформæ  ногæй æркæсын хъæуы
Венецийы комиссийы рекомендаци у, уый æмæ æвзарæнон кодексы, политикон иугæндты фæдыл закъоны æмæ парламенты регламенты реформæ ногæй æркæсын хъæуы

Венецийы  комиссийы рекомендаци у, ома  æвзарæнон  кодексы, политикон   иугондты  æдыл  закъоны æмæ  парламенты   регламенты реформæ  ногæй æркæсын хъæуы, –  уый фæдыл дзырдæуы   Венецийы  Комиссийы   публикацигонд  фидиуæны.

«Æвзарæнон   кодексы тыххæй   куы зæгъæм,     уæд нæ  хъуыдымæ гæсгæйæ,   банхъаргæ ивддзинæдтæ  халынц  политикон папртиты бар, уа сæм  æмбæрц фæрæзтæ,  къаддæр сын кæны  эфиры рæстæг, кæд    партитæ  нæ исынц  паддзахадон финансдзинад.  Ацы  партитæн  æнæфидгæ  рæстæгыл эфиры, нæзагъд у «æнæпропорцион æмæ æнæбындур», уымæн æмæ  растдæр ацы партитæн, чысыл  ресурс кæмæн ис,   бахъæудзæнис  æнæфидгæ  эфиры рæстæг  уа рæувадат, цæмæй равдисой  сæрмагонд  цæстæнгас  æмæ  электоратæн базонын кæной сæрмагонд программæ.

Уымæй  уæлдай ма,  нæй  ахæм  бæлвырд  цæдис æнæфидгæ  эфиры рæстæгæй фæлхасады æмæ паддзахадон  финансдзинады райсыны æрдгæй, кæцы  сраст кодтаит  ацы  къахдзæф.  Афтæма,  ацы арæнæвæрд  нæбадгæ у æхсæнадон интерестимæ, уымæн æмæ   къаддæр кæны  уыцы   информацийы рæувадатдзинад, кæцы  хъæуы æхсæнадæн, цæмæй  æвзæрстытыл  информиргондæй æмæ æмбаргæйæ  схъæлæс кæна.

Венецийы Комисси афтæдæр мæтæйдзаг у  æмбæстæгты  политикон  иугæндты фæдыл законмæ  бахæссинаг  ивддзинæдты  тыххæй, кæцытæм гæсгæ дæр, паддзахадон финансдзинад нæ ратдзысты  партитæн кæнæ  æвзарæнон блокътæн, кæцы парламентмæ  бахауынæн хъæугæ мандатты  æрдæг уæддæр  не рымбырд кæндзæн, æмæ  сын байст уыдзæн  бар парти кæнæ æвзарæнон блокъæн, паддзахадон финансдзинад райсын,  фæдылдзог æхсæз мæйы  дæргъы, кæд  искæцы парти кæнæ блокъы  депутатты æрдæг,  райсинаг  æфсонæй цух,  нæ райсдзæн хайад  пленарон  рабадтыты  æрдæгæй  фылдæры», –  дзырдæуы  фидиуæны.

«Ахæм уæрæх  санкцитæ уыцы партиты ныхмæ, кæцытæ хайад нæ исынц парламенты куысты,  нæй нæ дæр  Венецийы Комиссийы   æмæ  нæ дæр OSCE/ODIHR-ы,  кæцы фæнды уæнг падзахады», – дзырдæуы  рекомендацийы.