Венайы кардæй ифтонг нæлгоймаг цалдæр адæймагы фæцæф кодта
Уый фæдыл бынæттон меди парахат кæны информаци. Инцидент Австрийы сæйраг сахары æрцыд. Бынæттон полицийы информацимæ гæсгæ, бырсæг æртæ адæймаг фæцæф кодта. Цæфгондты æхсæн дыууæ сылгоймаг у, кцæытæ рæуæг цæфтæ райстой. Нæлгоймагы уавæр та критикон у. Полицийы информацимæ гæсгæ цæфгондтæ иу бинонты уæнгтæ сты.
Ныры онг æнæзонгæ у аххосагы мотив.