Ватиканы ацæудзæн Ивериайы Мады Майрæмы Мозаикæйы  инаугурацийы церемони
Ватиканы ацæудзæн Ивериайы Мады Майрæмы Мозаикæйы инаугурацийы церемони

Цæугæ  азы 27-28   ноябры  Гуырдзыстоны  фæсарæн ъхуыддæгтоы министр Илиа Дарчиашвили  абалц кæндзæн  горæт-паддзахадмæ, цы ран   Гуырдзыстоны  делегациимæ иумæ хайад райсдзæн  Ивериайы  Мады Майрæмы  мозаикæйы  инаугурацийы  церемонийы.  Информаци хъусын кæны   æддагполитикон уагдон.

«Банысанкæнинаг  у цæмæй Ватиканы  сыгъдæг зæххыл  гуырдзиаг мозаикон фрескæ  фыццаг хатт разындзæн.  Сыгъдæг Аргъуанмæ Гуырдзыстоны  минæварад, Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ Гуырдзыстоны  Патриархимимæ иумæ,  интенсивон куыст  2022 азæй  сног кодта.

Мозаикон  панойыл  Ивериайы  Мады Майрæмы  сныв кæныны  уынаффæ рахаста Гуырдзыстоны Патриархийы аивады  æмæ  реставрацийы  центр, кæцыйæн йæхæдæг  Патриарх къухдариуæг кæны. Фрескæйы  автор номдзыд гуырдзиаг мозаикæйыл нывгæнæг  Амиран Бакурадзе у» –  банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.