Васил Магълаперидзе – закъонопроеты стыр рискъытæ уынæм, финансгæнæгæн йæ зæрдæмæ цы фæцæудзæн, уый уыдзæн редакцион политикæ
Нæ бæрн у уый цæмæй уынаффæ исджытæн зæгъæм, ома Уацхæссæджы финансдзинады уагы ивды фæдыл закъонопроекты уынæм стыр рискъытæ æмæ гæнæн ис, ацы рискытæ тагъд слæууа, æввахс мæйты, – уый фæдыл Æхсæнадон Уацхæссæджы æвджиддар советы сæрдар Васил Магълаперидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрды «Гадацъхъветилеба»-ы ( Уынаффæ) райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ уый у цъаммар политикон хæйрæгдзинад, цæвиттон Æхсæнадон Уацхæссæгы бирæ æхца æрхъуыди.
«Æхсæнадон Уацхæссæг нæу цыдæр æнæфсис оргæн, кæцы финансты фæфылдæр кæнын домы. Уый нæу нæ нысан. Уымæй цæуы инсинуаци æмæ ацы политикон хæйрæгдзинадæй спайда кæнын раст нæу», – райхъусын кодта Магълаперидзе.
Магълаперидзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ æхсæнад хъуыды кæны æввахс ивгъуыд æмæ йеуæд дæр, закондæттынад формалон раст куы уыдис, хæдбардзинадæн зын уыдис æнæрмæст Æхсæнадон Уацхæссæджы рæстæджы, фæлæ ма бирæ институцийы рæстæджы æмæ ма уымæ æнæраст закъондæттынад куы бафтаудзысты, уый ноджы фыддæрдæр проблемæтæ расайдзæн.
Афтæма йæ дзырдæй, парламентаритæ кæд æцæгдæр Æхсæнадон Уацхæссæджы финансдзинады мæт кæнынц, уæд консультацитæ æнæмæнгхъæугæ сты.
«Нæ коллегæтæ уымæй ноджы хуыздæр модел банхъардзысты, кæцы финансонæй дæр сын пайдаджын уыдзæн æмæ хæдбарад дæр уыдзæн хъахъхъæд, абон та серьозон фарстытæ расайдтой,ома финансдзинады гуырхаст нæ, фæлæ растдæр хæдбарад у рискъы раз» загъта Магълаперидзе.
Уыимæ ма Васил Магъраперидзе банысан кодта, цæмæй ис тынг бирæ фарст æмæ ацы фарстытыл хъæуы дзуаппытæ раттын.
«Дæнцæн, чи у бæрнон арæзтады фæудыл? Мах æхца рахицæн кæндзыстæм, куы дзурынц, кæд разицæн кæндзыстут, цы рахицæн кæндзыстут, кæнæ та цалынмæ рахицæн кæнат, уым ацы рæстæджы цы æрцæудзæн? Уый у арæзтад æмæ нæ бон у, иу бон æй ныууадзæм? Чи райсдзæн бæстыхай æмæ а.д.? чи хъуамæ сбæлвырд кæна документацийæ цас камерæ хъæуы æмæ цавæр оптикæ? Адон сты вазыгджын фарстатæ, кæцытæ афтæ иу мæймæ æрцæудзæн æмæ куыддæр дзы загъон йæ тыхмæ бахиздзæн, дирекцийы нæ фæнды æви нæ фæнды, нæ къухтæ уыдзысты баст», – райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.