Васил Магълаперидзе - «Телескъолайы» тыххæй, «Уацхæсынады фæдыл» закъоны ивд æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй каналæн ахуырады министрадимæ æмгуыстады бар уа
Рухсадон проект «Телескъоламæ» гæсгæ, «Уацхæсынады фæдыл» закъоны ивд æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй каналæн ахуырады министрадимæ куысты æмæ æмгуыстады бар у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор, ВасилМагълаперидзе, райхъусын кодта.
Васил Магълаперидзейы дзырдæй, зæгъгæ закъондæттæн ивд баст нæу коммерциимæ, ивддзинад хæуы культурæ æмæ ахуырады сферæтæн, кæцы æххæссы фидæн фæлтæрты хъомылкæнынадмæ.
Афтæма Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директоры дзырдæй, фæззæгæй зæгъгæ «Телескъоламæ» фæзындзæн нысаниуæгджын функци.
«Фыццаг хатт дзурын, цæмæй стыр программæмæ æрывнæлдтам, кæцы бæстæйæн уыдзæн иттæг нысаниуæгджын. Ныр кусæм министрадимæ иумæ æмæ уый уыдзæн æххуысдæттæг фадат. Фæззæгæй «Телескъоламæ» уыдзæн фылдæр æххуысдæттæг, фæлæ тынг дзæбæх æмæ хъæугæ æххуысы функци – æппæт бæстæйæн хъæугæ æмæ алы кары æмбæстагæн», – загъта Васил Магълаперидзе.
Рухсадон проект «Телескъола»-мæ гæсгæ, «Уацхæссынады фæдыл» закъонмæ хаст æрцыд ивддзинад. Закъонопроекты мидæг банысангонд у, ома ивд хаст цæуы закъоны уыцы нормæмæ, кæцы тобæ кæны администрацион оргæны, политикон партийы, бæрзонд гæсы æмæ хицауадон кусæгы æрдгæй Уацхæссæгы финанс кæнын, афтæма йæ лæггады балхæд æмæ Уацхæссæджы программæты æрцæттæйы, кæнæ эфиры алæвæрды комкоммæ, кæнæ фæрссаг финанс кæнын, кæнæ æмфинанс кæнынад. Закъонмæ уæлæмхас бауыдзæн уæлвæтк æмæ ацы тобæ нал баххæсдзæн ахуырадон æмæ культурон равгы программæтæм.