Васил Магълаперидзе – реформæйы фæстиуæг райсдзыстæм сентябры, æмæ кæд афтæ нæ уыдзæн, уæд  закъоны раивын æмæ  директоры куыстæй сисын дæр æнцон  у
Васил Магълаперидзе – реформæйы фæстиуæг райсдзыстæм сентябры, æмæ кæд афтæ нæ уыдзæн, уæд закъоны раивын æмæ директоры куыстæй сисын дæр æнцон у

Парламенты «Уацхæссæджы фæдыл» закъоны   ивдтыты  касты процессыл, Фыццаг Каналыл цæугæ  реформæты æмæ уыдонимæ баст   хъуаджы хъуыдыты  фæдыл, 1tv.ge фæныхас кодта  Æхсæнадон Телеуынынады генералон директор Васил Магълаперидзеимæ.

Ныхасы райдианы   журналист æй  бафарста,  ахæлиугонд  хахуыры тыххæй, цæвиттон  йæ куыстæй хи суæгъд кæнын  хъавы зæгъгæ  цæуылдæр Васил Магълаперидзе  дзупаппæн   загъта:

«Иу  агентад  ахæлиу кодта  æнæквалициргонд  хахуыр.  Æнæквалициргонд  уымæн æмæ,   хахуырæн  дæр хъæуы исты бындур  –  æз та ахæм ницы ахъуыды  кодтон,  нæдæр искæмæн исты загхтон  æмæ ахзæм исты  хъавгæ дæр нæ кæнын.  Ацы хабар   æрымысыд йæхæдæг агентад.  Афтæмæй нæ бон у ацы темæ  æрыхкæнæм.

Законороекты   алыварс хъæлæбайы тыххæй та,  депутаттæ  парламенты  сты æндæр æмæ æндæр политикъон, социалон,  экономикон æмæ  интересты æрдгæй  æмæ  архайынц  сæрмагонд  цæстæнгасы сæрыл дзурой. Уый  нормалон процесс у уымæн æмæ Фыццаг Канал   паддзахадон Телеуынынад нæу, иуæй-иутæ куыд æнхъæлынц афтæ,  фæлæ  ма у  алы æмбæстагы  сæрмæмулк.

Æхсæнады стыр хай   разы у, цæмæй Æхсæнадон Телеуынынад  хъуамæ уа  æмæ  хицæн телеуынынадты бардарджытæ  æмæ сæ лобисттæ  хъуамæ бафидауой  ацы фактимæ,  Европæйы куыд фидуынц афтæ.

Ныр Фыццаг Каналыл  цæуы реформæ,   ногæй  рацараздзыстæм  техниконæй,   организацион рацарæзт,  æрфидар уыдзæн   нырыккон менеджмент, кæцыйы  фыццаг фæстиуджытæ райсдзыстæм    иууыл хæстæг мæйты,  фендзыстæм, 26 февралы  олимпиадæ куы фæуыдзæн   æмæ  ног уалдзæгон сезон куы бакæндзыстæм уæд.

 

Ахæм ныллæг рейтингджын  Фыццаг Каналы  уæвын   мæнмæ гæсгæ у фыдракæнд, уæлдайдæр  ай йас  егъау потенциал куы ис, кæцыйæ раст спайда кæныны  цауы,   бынтон æндæр фæстиуæг райсдзыстæм.   Ацы потенциалы  фæтыхджындæр кæнынæн  цагъд цæуы реформæ  æмæ ацы реформæйы  чысыл хау   закъоны ивд.   Мах цы курæм,   æнæхъæнæй æмбæлон у Европаг   практикæ æмæ закондæттынады доментæм.  Ацы рæстæджы, нæ курæм  æгæрон  æмгъуыд –  æдæппæт  11  мæйы рацыд  директорæй мæ куы сывзæрстой уый фæстæ,  æмæ ныридæгæн арвыстам  бæрæг бацæттæгæнæн   период, æмæ æнæкæсгæ   бирæ проблемæмæ, Фыццаг Каналыл  цæугæ реформæйы  æнтыстджын  фæстиуджытæ сентябры райсдзыстæм, кæд уый афтæ нæ рауайдзæн,  уæд æнцонтæй гæнæн ис  ацы  закъоны  раивын дæр æмæ  директоры  куыстæй  сисын дæр.