Васил Магълаперидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директоры бынат ныууагъдта
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Васил Магълаперидзе йæ куыстæй хи суæгъд кодта.
Васил Магълаперидзе æмбæлгæ куырдиатæй нырид баздæхт Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æвджиддар советы уæнгтæм.
«Æххæст бæрнæй мæ бон зæгъын у æмæ кæцыфæнды объективон цæстдарæгæн йæ бон у æрбæрæг кæнын, цæмæй абон Æхсæнадон Уацхæссæг у максималонæй объективон, журналисттæ пайда кæнынц максималон сæрибардзинадæй, æмæ ацы рæстæджы, стыр бæрнæй архайынц, цæмæй кæсджытæм ма бадæттой æнæбæлвæрд æмæ мæнг информаци.
Æнæкæсгæ уымæ, уырнæг дæн, цæмæй Фыццаг Канал объективонæй æмæ æнæдызæрдыгæй срухс кæндзæн æвзæрстытæ æмæ алы æндæр политикон процесстæ дæр, уый тыххæй, цæмæй, каналы объективондзинадмæ йæ зæрдæ макæмæн хсайа æмæ сæм æндæр æмæ æндæр æфсонæй равзæргæйæ ма фæзына фарстытæ, ахицæн кодтон, директоры бынатæй мæхи суæгъд кæнын.
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал нырид йæ фæстæ фæуагъдта бирæ зындзинæдтæ æмæ бæлвырдæй мæ бон зæгъын у – 2020 азы фæззыгон сезон, кæцы сентябры райдайдзæн, уый бæлвырд гæнæн уыдзæн, цæмæй Каналы рæзынад æнæфæцудгæ равг райста æмæ сезонæй-сезонмæ хуыздæр кæндзæн хæрзгъæд продукцийы уадзын. Канал кæцы аразгæйæ уыд зиангæнæг уавæрты, кæцыйы тыххæй йæм нæ уыд райтынгы фадат, инертон уавæрæй рацыд æмæ æнтыстджынæй æххæст кæндзæн Æхсæнадон Уацхæссæджы функци. Ацы нысанмæ баххæссынæн, мæ коллегæтæ æмæ сæ нымæцы мæхæдæг дæр бирæ фæкуыстам æмæ нæ бауадздзынæн уый, цæмæй ай йас адæмы куыст истæмæй бааууон уа», – банысангонд у Васил Магълаперидзейы фидиуæны.