Васил Магълаперидзе - Фыццаг Къаналы кусджыты мыздтæм гæсгæ цы фарстытæ уыдис, уыдонæн раттам дзуаппытæ, ныр темæ сæвдæлон ис
Зæрдæхсайдтæ кæыты бæрæг фарстытæм гæсгæ, уый нымæцы мыздты политикæмæ гнæсгæ æвджиддар советы иуæй-иу уæнгтæ æвдыстой, абсолютонæй æнæбындур сты – уый фæдыл Фыццаг Къаналы генералон директор Васил Магълаперидзе Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы рабадты фæуды фæстæ журналисттæн райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы зæрдæхсайдмæ гæсгæ спекуляцитæ зæгъгæ афон у кæрон скæнын.
«Тынг хъыгаг у, цæмæй ацы пропагандистон кампанимæ активонæй баиу вæййынц нæ коллегæтæ. Нæ фæнды ахъуыды кæнын, цæмæй амæн исты фыдзæрдæ бындур ис, фæлæ ахæм гуырысхотæ уæддæр ис. Алы фарстыл дзуапп раттам æмæ темæйыл ныхас кæнæн нал ис. Мах никуы скодтам гуырысхойаг уый æмæ сæм ис бар алцыппæт зоной, фæлæ уымæй хъуамæ пайда кæной æхсæнадæн райхъусын кæнынæн нæ фæлæ, конкретон нысæнтты тыххæй» – загъта Васил Магълаперидзе.
Фыццаг Къаналы генералон директоры ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд фарстыл консультацитæ сырæзт юристтимæ, персоналон бæрæггæнæнты хъахъæды инспекторимæ.
«Ам æрмæст мыздтыл ныхас нæ цæуы, ай у персоналон информаци. Уый та мæ бар нæу, уый у закъонæй бæрæг æмæ закъон та хъуамæ уа фидар. Уый тыххæй дæр, исчи «Фейцсбукы» куы ныффыссы цыдæр кæнæ искæцы алæвæрды исты æнæквалифициргонд хъуыды разæгъы, нæй гæнæн уымæ гæсгæ дарддæр кæнæм нæ цард. Мах хъуамæ цæрæм закъонмæ куыд æмбæлы афтæ. Адæймаджы бартæм æххæсмсы хъуыддаг. Категорионæй дзурын, ацы цæстæнгасæй, ницы хæлд нын ис æмæ сын уый ноджы иу хатт бауырнын кодтам æвджиддар советы уæнгтæн» – райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.