Васил Магълаперидзе – Арфæ кæнын телеуынынады гуырæнбон алы уыцы адæймагæн, чидæриддæр къаналы ном æмæ намыс абоны бонмæ фæхæццæ кодта
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал юбиляр у – Къанал Мтацъминдайы мæсыгы бакæнгæ телестудийæ уацхæссынад раст 63 азы размæ, 1956 азы 30 декабры райдыдта.
Уæларвгъуыз экран тæккæ 20:00 сахатыл ыссыгъдис æмæ эфиры фыццаг диктортæ Александра Мачъавариани æмæ Лиа Микадзе разындысты.
Абон Æхсæнадон Фидиуæг иу кæны Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал, Дыккаг Къанал æмæ Радио.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы генералон директор Васил Магълаперидзе абоны бон раарфæ кодта телеуынынады архайæг æмæ раздæры кусджытæн.
«Арфæ кæнын телеуынынады гуырæнбон æмæ ног аз алы уыцы адæймагæн, чидæриддæр Фыццаг Къаналы намыс йæ бындурæвæрды бонæй, абоны онг фæхæццæ кодта æмæ иттæг нысаниуæгджыгн традицитæ æрфидар кодта.
Азты дæргъы, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал уыд иунæг, кæд афтæ зæгъæн ис, гуырдзиаг культурæйы сæрылдзурæг, ахуырад, спорты æмæ а.д. Абон дæр афтæ у. Мæнмæ гæсгæйæ, æнæхъæн коллектив удцырын сты ацы æрдæм, цæмæй Фыццаг Къанал, æввахс мæйты æмæ азты æрыздахдзæн йæхимæ алы уыцы позици, кæцы йæм æмбæлы.
Арфæ кæнын алы кусæгæн, алы архайæгæн чидæриддæр абон кусынц æмæ сæ сæруæлдай куыстæй æрвылбойнонæй аразынц Телеуынынады уыцы ном æмæ миниуджытæ, кæцы хуыйнынц, æдас, бæрнон æмæ интеллектуалон медиа», – райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.