Васил Магълаперидзе - Æхсæнадон Уацхæссæгы журналисттæ æмæ уынаффæтæ исæг уæнгтæ уæгъдибар сты диктатæй
Æхсæнадон Уацхæссæгы журналисттæ æмæ скуыддзæгтæ исæг уæнгтæ уæгъдибар сты диктатæй æмæ уый нырид алчи зоны – фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æвджиддар советы сæрдар Васил Магълаперидзе Фыццаг Каналы алæвæрд «Тависупали Хедвайы» райхъусын кодта.
«Гæнæн ис чидæр æнхъæла цæмæ журналисты позициимæ разы нæу, фæлæ уыимæ сындæггай хъуамæ бафидауæм, цæмæй ахæм уавæр хуыздæр у, ццæйнæфæтлау искæцы къорды æрдгæй диктат. Фæлæ иу ахæм архæйдтытæ вæййынц, комкоммæ æмæ фæрссаг. Хатт иу вæйййы булинг дæр. Уыдон сты расидтытæ, фæлæ ацы уавæрмæ нæ кæсын æнæныфсæй æмæ уæнгуагъдæй»- райхъусын кодта Магълаперидзе.
Алæвæрды акæнæгы фарстайыл, цы дæтты оптимизмы бындур уæвæг поляризацигонд уавæры, Васил Магълаперидзе сдзуапп кодта, ома Фыццаг Канал Гуырдзыстоны у сеппæтæй уæгъдибар телеуынынад, журналисттæн ничи ницы бахæс кæны, уыдон не сты удцырын гæдыдзинад ахæлиу кæнынмæ æмæ йæ оптимизмы бындур раст уый у.
«Ай нæ нысан кæны, цæмæй журналисты ныхæстæ æнæмæнгæй алкæй зæрдæмæ фæцæудзысты. Уый нымæцы, гæнæн ис бирæ цыдæр уы, кæцы гæнæн ис ие нкъарæнимæ нæ фембдзыд уа, фæлæ механизм афтæ арызт у, æмæ уымæ гæсæ ничиуал архайы. Уыдис рæстæг, диктат куы уыдис, фæлæ афтæ нал у. Ацы ситуацийыл журналисттæ дæр сахуыр сты сындæггай æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг архайы, исты амæлттæй центры бынат бацахса, ма фæсайа кæсджыты æмæ дзыллæйæн мацы бамбхса» – райхъусын кодта Магълаперидзе.
Æвджиддар Советы сæрдар куыд банысан кодта афтæмæй, бæрæг къордты интерестæм нæкæсгæ, Æхсæнадон Уацхæссæг нал уыдзæн тохы æмæ революциты мæцъисæй.
«Уый нæу Æхсæнадон Уацхæссæджы функци æмæ абон ацы ахаст нæй Æхсæнадон Уацхæссæджы» – райхъусын кодта Магълаперидзе.