Валерий Залужный - дунеон фæтк фехалыныл архайынц æрмæст Уæрæсе  нæ, фæлæ ма АИШ дæр
Валерий Залужный - дунеон фæтк фехалыныл архайынц æрмæст Уæрæсе нæ, фæлæ ма АИШ дæр

Стыр Британийы Украинæйы минæвар, Украинæйы гарзджын тыхты раздæры сæйраг командæгæнæг Валерий Залужный хъусын кæны, цæмæй æрмæст Уæрæсе  нæ хъавынц дунейы фæтк халынмæ, фæлæ ма АИШ дæр.

Уый фæдыл Залужный æхсæнадæмон хъуыддæгты паддзахы институты ныхасы рæстæджы расидтис.

“Уый æрмæст фыдбылызы ахс нæу, кæцы архайы дунейы фæтк ногæй саразыныл. АИШ халы дунейы фæтк. Бæрæг у, цæмæй Урс Хæдзар æнæхъæн ныгуылæн дунейы иудзинады фарста æвæрдта, æмæ ныр Вашингтон хъавы æдасдзинады фарстатæ Европæмæ ахæссын æнæ АИШ-ы хайадистæй», – райхъусын кодта Залужный.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ НАТО нал уа, æмæ Уæрæсе Европæмæ бабырсдзæн.