Вахушти Менабде - Вано Мерабишвили, кæцы æнæадæймагон системæйы сæйраг уæнг æмæ»рагъыстæг» уыд, абон сæ фæнды рæстдзинадæн тохы сиволæй йæ скæной
Вано Мерабишвили 2004-æй 2012 азмæ МХ министр уыд æмæ раст йе номимæ у баст акциты сеппæтæй тызмæг ныссæст, пъæлицæйаг террор, цæстдард æмæ æнæадæймагон операцитæ – уый фæдыл конституционалист Вахушти Менабде хызаджы фыссы.
«Мерабишвили рацыд. Нырма йæ фæстæ ахæстоны дуар нæ ныггуыпп кодта афтæмæй, йæ «ног» политикон лидерæй скодтой. Лæг, кæцы æнæадæймагон системæйы сæйраг уæнг æмæ «рагъыстæг» уыд, абон рæстдзинады тыххæй тохы символæй сæ фæнды скæнын. Зын у уый сфæлгондзын, куыд нæ кад кæнынц гуырдзиаг адæмæн. Вано Мерабишвили 2004-æй 2012 азмæ МХ министр уыд æмæ раст йе номимæ у баст акциты сеппæтæй тызмæг ныссæст, пъæлицæйаг террор, цæстдард æмæ æнæадæймагон операцитæ. Æмæ ацы адæймæгты кæцытæ Ванойы реабилитаци скæнын архайынц, кæйдæриддæр абон мæ фейсбук-хæлæртты уынын, претензи ис рæстдзинадыл, руый тыххæй тохæ кæныныл.
«Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ уыйимæ иумæ æнæхъæн политикон элита уый тыххæй ъу\амæ скуынæг уа политиконæй, цæмæй Ванойы рацыд стыр фæзындæй скодтой» – фыссы Вахушти Менабде «Фейсбукы» æмæ Æвзонг Юристты Ассоциацийы 2011 азы хыгъдлæвæрд публикаци кæны, 26 майы акцийы ныссæндыны рæстæджы æмæ уыйимæ баст адæймæгты барты фехæлдты фæдыл.