Вано Мерабишвили – Ныгуылæнæй  уæз  хъуамæ сыххæст уа  мид протестты параллеонæй
Вано Мерабишвили – Ныгуылæнæй уæз хъуамæ сыххæст уа мид протестты параллеонæй

Гуырдзыстон лидер уыд  Евроинтеграцийы   фæндагыл, ныр та  аутсайдер у, – уый фæдыл  раздæры мидхъуыддæгты министр  Вано Мерабишвили  Марк  Фейгины  алæвæрд  «Фейгин  Лайвы»  райхъусын кодта.

Мерабишвили  алæвæрды  ссиу  кæныны   рæстæджы раарфæ кодта  Украинайы  хицауады минæвæрттæн   Саакашвилийы   фарсхæцæг  фидиуæнты тыххæй.   Йæ  дзырдæй  зæгъгæ  ныгуылæны  уæз  хъуамæ   уа   бæстæйы мидæгæй   протестты  параллелонæй.

«Уырнæг дæн,  нæ   парти тынг тагъд  активон  архæйдтытæм  ахиздзæни  æмæ уый  бæрæг   фæстиуæг  ратдзæн.   Рагафон   прогнозты  саразын зын у, фæлæ  гуырдзиаг пропаганда  куы хæлиу кæны информаци,  афтæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц»  куыннæ  уыдаит, ракетæтæ, кæцытæ Украинайы   тæхынц, Тбилисы  сæрыл тахтаиккой; танктæ, кæцытæ  Украинайы   зилынц, Гуырдзыстоны  уыдаиккой», – райхъусын кодта  Вано Мерабишвили.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  алы æртыккаг  гуырдзиаг  федта уырыссаг   танктæ  йæхи цæстæй.

«2008 азы  уавæр бирæ  вазыгджындæр уыд, уый  тыххæй  нæ, цæмæй Гуырдзыстон чысыл бæстæ у, фæлæ  уый тыххæй  æмæ ныгуылæны   хъуыды   йеуæд хъауджы  уыдис. Афтæ  уыд Хъырымы оккупацийы рæстæджы дæр. Æппæт Дунейы  уавæр куы фæивдта, афтæ стыр бæстæ, цахæмдæр Украина  у,  æххуыс куы  домы, Гуырдзыстон та кæддæриддæр  куы  уыдис  раздзог бæстæ  раздæры советон цæдисы   хæдбарады,  проныгуылæйнаг  цæстæнгасæй, ныр  Гуырдзыстон  фæлмæн куы зæгъæм, ссис  пассивон. Æнæрмæст  æнæсолидарон у Украинаимæ, æнæрмæст æххуыс йын нæ кæны, фæлæ ма  уымæй уæлдай, Гуырдзыстон активонæй  критикæ кæны  Украинайы   хицауады, кæцы  æхсарджынæй   хæцы  йæ  бæстæйы  сæрыл. Украина  Европæйы дуар фегом кодта æмæ шанс ратта  Гуырдзыстонæн. Гуырдзыстоны  уыд  лидер евроинтеграцийы фæндагыл, ныр та аутсайдер у. Ныр сегасдæр сæйраг у, цæмæй  æрцæуа протесты  организацидзинад. Уырнæг  дæн, цæмæй Петре Цискаришвили, Хабеишвили, партийы ног къухдариуæгад,  æндæр æвзонг адæймæгтæ  тынг серьозонæй  сты ацы  хъуыддаджы.  Уыдон æмбарынц  сæрмагонд  бæрн  Гуырдзыстоны  раз», –  банысан кодта Вано Мерабишвили.